Разамынд

Revision 11 as of 2011-09-13 21:43:36

Clear message

Акаст

Ацы разамынды ис программæты ирон æвзагмæ тæлмац кæныны информаци. Йæ мидæг ис цы хъæуы æмæ цы нæ хъæуы тæлмац кæнын, цы у бирæон нымæц æмæ æндæртæ.

Тæлмац кæнын æрмæст æндæр æвзаджы ныхæстæн ирон ныхæстæ агурын нæу. Тынг ахсджиаг у цæмæй тæлмæцтæ уой иу стилы æмæ æнцон æмбарæн.

Фæдзæхстытæ

Дæлдæр ис цалдæр фæдзæхсты,кæдон хъæуы æххæст кæнын цæмæй тæлмац хорз уа:

  • Дæ хъус дар алы фæдзæхст æмæ уагæвæрдмæ, æмæ цæ æххæст кæн.
  • Куыддæр исты ратæлмац кодтай, афтæ йæ бафæрс æмæ йæ бамбар, ис дзы рæдыдтытæ æмæ де взагыл раст хъуысы, æви нæ.
  • Кæд дæ тæлмацгонд рæнхъ дæуæн нæ бæззы (кæнæ дæ мадæн/фыдæн), уæд раст нæу æмæ йæ ды хъуамæ фæивай.

Бирæон формæтæ

Ирон æвзаджы ис дыууæ бирæон формæйы.

Формæ [0] - 1'æн. Формæ [1] - 0, 2, 3 æмæ стырдæр нымæцтæн.

Дæнцæг

Оригинал:
msgstr[0] %d day
msgstr[1] %d days

Тæлмац:
msgstr[0] %d бон
msgstr[1] %d боны