Разамынд

UbuntuOssetianTranslators > Разамынд

Ацы разамынды ис программæты ирон æвзагмæ тæлмац кæныны информаци. Йæ мидæг ис цы хъæуы æмæ цы нæ хъæуы тæлмац кæнын, цы сты бирæон формӕтӕ æмæ æндæртæ.

Тæлмац кæнын æрмæст æндæр æвзаджы ныхæстæн ирон ныхæстæ агурын нæу. Тынг ахсджиаг у цæмæй тæлмæцтæ уой иу стилы æмæ æнцон æмбарæн.

Домӕнтӕ

Тӕлмац кӕнын байдайынӕн ис цалдӕр домӕны. Мӕнӕ сты:

  • Интернет. Хъуамӕ дын уа фадат интернетмӕ бахизын.

  • E-mail. Електронон пост дӕ бахъӕудзӕн регистраци кӕнынӕн, дӕ ӕмбӕлттимӕ ныхас кӕнынӕн, ӕмӕ ӕнд. Хъуамӕ уа ахӕм пост, кӕцы ды арӕх бӕрӕг кӕныс.

  • Ирон ӕвзаг. Ирон ӕвзаг хъуамӕ дзӕбӕх зонай.

  • Англисаг ӕвзаг. Цы взагӕй хъӕуы тӕлмац кӕнын, уый гыццыл хъуамӕ зонай. Кӕд англисаг ӕвзаг ӕвзӕр зоныс, уӕд дӕ бон у ӕндӕр ӕвзагӕй тӕлмац кӕнын. Уый тыххӕй кӕс сӕрмагонд разамынд.

  • Рӕстӕг. Рӕстӕг, тӕлмацкӕнынӕн.

  • Клавиатурӕйы равӕрд. Ирон алфавиты дамгъӕтӕ фыссыны фадат.

    • Ныртӕккӕ, иуӕй-иу равӕрдты, Ӕ дамгъӕйы бӕсты вӕййы латинаг Æ. Ацы къорд домы кириллон Ӕ. Цӕмӕй сбӕрӕг кӕнай цы Ӕ фыссы дӕ равӕрд, уый тыххӕй ацы фарсӕй спайда кӕн.

Фæдзæхстытæ

Дæлдæр ис цалдæр фæдзæхсты,кæдон хъæуы æххæст кæнын цæмæй тæлмац хорз уа:

  • Дæ хъус дар алы фæдзæхст æмæ уагæвæрдмæ, æмæ цæ æххæст кæн.
  • Куыддæр исты ратæлмац кодтай, афтæ йæ бафæрс æмæ йæ бамбар, ис дзы рæдыдтытæ æмæ де взагыл раст хъуысы, æви нæ.
  • Кæд дæ тæлмацгонд рæнхъ дæуæн нæ бæззы (кæнæ дæ мадæн/фыдæн), уæд раст нæу æмæ йæ ды хъуамæ фæивай.
  • Кæд иу уа фадат, уæд иу зæгъ къорды æндæр уæнгæн, цæмæй дын дæ тæлмац абæрæг кæна.
  • Тæлмацы иугъæдондзинад у тынг ахсджиаг. Алкуыдæр тæлмац кæн къорды куыд стут дзырд, афтæ, æмæ иу абар дæ тæлмац æндæр иронмæ тæлмацгæнджыты къордты тæлмæцтæм (GNOME, Debian...).
  • Кæд къордмæ искæй исыс, уæд уал æй бафæдзæхс цæмæй разамынд бафæрса.

Терминологи

Терминологийы тыххӕй фӕдзӕхстытӕ:

Бирæон формæтæ

Ирон æвзаджы ис дыууæ бирæон формæйы.

Формæ [0] - 1'æн. Формæ [1] - 0, 2, 3 æмæ стырдæр нымæцтæн.

Дӕнцӕг:

Оригинал

Тæлмац

msgstr[0] %d day
msgstr[1] %d days

msgstr[0] %d бон
msgstr[1] %d боны

Уагæвæрдтæ

Менюйы фадат хъӕуы тӕлмац кӕнын инфинитивы.

Дӕнцӕг:

Англисаг

Раст тӕлмац

Ӕвзӕр тӕлмац

Open

Бакӕнын

Бакӕн

Инструкцитӕ ӕмӕ ахӕм фыстытӕ кӕм системӕ домы архайӕгӕй цыдӕр саразын хъӕуы тӕлмац кӕнын императивы.

Дӕнцӕг:

Англисаг

Раст тӕлмац

Ӕвзӕр тӕлмац

Press [Y] to contiue

Ныххӕц [Y] дарддӕр ахизынӕн

Ныххӕцын [Y] дарддӕр ацӕуынӕн

UbuntuOssetianTranslators/Разамынд (last edited 2012-06-20 20:48:10 by 95)