Ӕндӕр ӕвзагӕй тӕлмац

UbuntuOssetianTranslators > Разамынд > Ӕндӕр ӕвзагӕй тӕлмац

Ай у ӕндӕр ӕвзӕгтӕй тӕлмац кӕныны разамынд.

Ныртӕккӕ тӕлмацы бындурон ӕвзаг у англисаг. Фӕлӕ ис адӕм, кӕдон англисаг ӕвзаг нӕ зонынц, кӕнӕ та йӕ взӕр зонынц. Ацы разамынд у хорз уыцы адӕмӕн.

Фаутӕ

Уый йеддӕмӕ, ахӕм тӕлмацӕн ис фаутӕ дӕр. Уыдон сты:

  • Прогрӕммӕтӕ ӕндӕр ӕвзӕгтӕм кӕронмӕ тӕлмац не сты, ӕмӕ уый тыххӕй иуӕй-иу фыстытӕ ис гӕнӕн ратӕлмац кӕнын ӕрмӕст англисагӕй.
  • Ӕндӕр ӕвзӕгтӕм тӕлмӕцты арӕх вӕййынц рӕдыдтытӕ, ӕмӕ уыцы рӕдыдтытӕ гӕнӕн ис фӕзыной ирон тӕлмацы дӕр.
  • Иуӕй-иу дзырдтӕ цалдӕр ӕвзаджы сӕрты тӕлмацы фӕстӕ сӕ нысаниуӕг фӕивынц, ӕмӕ ирон тӕлмацмӕ гӕнӕн ис бахӕццӕ уой рӕдыд хуызы.
  • Алы хатт, тӕлмацкӕнын байдайгӕйӕ, хъӕуы ӕвзарын цы ӕвзагӕй тӕлмац кӕндзынӕ, уый.

Разамынд

Цӕмӕй дӕ бон уа ӕндӕр ӕвзагӕй тӕлмац кӕнын, уый тыххӕй хъӕуы сӕххӕст кӕнын иу хъуыддаг. Цы ӕвзаг дӕ хъӕуы, уый хъуамӕ бахӕссай дӕ ӕвзӕгтӕм. Launchpad-ы дӕ фарсмӕ бацу ӕмӕ фен фыст Languages:. Кæд дæу цы æвзаг хъæуы, уый фысты бын нæй, уæд бахиз системæмæ æмæ бахæц фысты цур цы бур ныв ис, æууыл. Нывыл ис ручкæ. Уый фæстæ бахаудзæ сæрмагонд фарсмæ, кæм хъæуы равзарын æвзаг.

Уый фæстæ, тæлмацы рæстæджы дæ бон уыдзæн равзарын æххуыс æвзаг.

UbuntuOssetianTranslators/Ӕндӕр ӕвзагӕй тӕлмац (last edited 2012-06-12 17:34:40 by 95)