UbuntuOssetianTranslators

Къорды нысан Æгас цу Ubuntu тæлмацгæнджыты фарсмæ!

Разныхас

Ай у Ubuntu ирон ӕвзагмӕ тӕлмацгӕнджыты фарс. Ам дæ бон у базонай цы хъæуы саразын цæмæй тæлмац кæнын байдауай, куыд хъӕуы тӕлмац кӕнын ӕмӕ цавӕр уагӕвӕрдтӕ хъӕуы ӕххӕст кӕнын.

Къорд

Къорд архайы Launchpad-ы. Йӕ адрис у https://launchpad.net/~ubuntu-l10n-os. Нӕ сӕйраг ныхасгӕнӕн у фыстӕгуарӕн <ubuntu-l10n-os@lists.launchpad.net>

Цы хъӕуы саразын къордмӕ бахизынæн

Цӕмӕй немӕ баиу уай, уый тыххӕй хъӕуы сыххӕст кӕнын цалдӕр ӕнӕмӕнг хъуыддаджы:

  1. Фыццаг, дӕхи ныффысс Launchpad-ы. Уый гӕнӕн ис саразын ам.

  2. Дарддæр хъуамæ бахатай цæмæй дæ айсой къордмæ. Уый тыххæй къорды Launchpad-ы фарсы уæлыйæ рахисæрдыгæй ис фыст join the team (ома баиу уын балимæ). Уыцы фыстыл ныххæц æмæ бахаудзынæ нæуæг фарсмæ. Уым та хъуамæ ныххæцай Join (баиу уын). Уый æттæмæ ма дæ бауаздзысты равзарын бафыссай дæхи фыстæгуарæнмæ, æви нæ. Кæд равзарай бафыссын, уæд дæ бон у иннæ хъуыддаг рауадзай.

  3. Стӕй къорды фыстӕгуарӕнмӕ дӕхи бафысс. Уый тыххӕй ацу къорды Launchpad-ы фарсмӕ ӕмӕ фарсы бынӕй галиуӕрдыгӕй ссар сӕргонд Mailing list (ома фыстӕгуарӕны номхыгъд). Уыцы хайы ссардзынӕ ныххӕцӕн Subscribe (ома ӕрфыссын/бафыссын) ӕмӕ иу ыл ныххӕц. Уы фӕстӕ дӕ бон уыдзӕнис къорды мидӕггаг тӕрхонты ӕмӕ ныхӕсты хайад исын.

  4. Фӕстаг ӕнӕмӕнг хъуыддаг у разамынд бафӕрсын.

Разамынд

Цалынмæ нæ байдыттай тæлмац кæнын, уæд уал æнæмæнгæй бафæрс Разамынд. Разамынд алчидæр хъуамæ бафæрса æмæ йæ уагæвæрдтæ æххæст кæна. Уым фыст ис алыхуызон фæдзæхстытæ, уагæвæрдтæ æмæ амындтытæ.

Фæдзæхстытæ

Дæлдæр ис цалдæр фæдзæхсты,кæдон хъæуы æххæст кæнын цæмæй тæлмац хорз уа:

  • Дæ хъус дар алы фæдзæхст æмæ уагæвæрдмæ, æмæ цæ æххæст кæн.
  • Куыддæр исты ратæлмац кодтай, афтæ йæ бафæрс æмæ йæ бамбар, ис дзы рæдыдтытæ æмæ де взагыл раст хъуысы, æви нæ.
  • Кæд дæ тæлмацгонд рæнхъ дæуæн нæ бæззы (кæнæ дæ мадæн/фыдæн), уæд раст нæу æмæ йæ ды хъуамæ фæивай.
  • Кæд иу уа фадат, уæд иу зæгъ къорды æндæр уæнгæн, цæмæй дын дæ тæлмац абæрæг кæна.
  • Тæлмацы иугъæдондзинад у тынг ахсджиаг. Алкуыдæр тæлмац кæн къорды куыд стут дзырд, афтæ, æмæ иу абар дæ тæлмац æндæр иронмæ тæлмацгæнджыты къордты тæлмæцтæм (GNOME, Debian...).
  • Пайда кæн терминты дзырдуæттæй.
  • Кæд къордмæ искæй исыс, уæд уал æй бафæдзæхс цæмæй разамынд бафæрса.
  • Дæ хъус дар æууæнккаг терминты фарсмæ.

UbuntuOssetianTranslators (last edited 2012-06-16 10:17:55 by 95)